Уæдмæ та уал чи лæгъз кæны йæ хæлары, чи – йемæ ныхас кæны. Амонынц сын, абон сæ сæйрагдæр нысан цы у, уый æмæ сæм уыдон дæр æмбаргæйæ кæсынц. Цалдæр минуты фæстæ, уайтагъд – командæ старт, тыхджын къухæмдзæгъд æмæ барджытæ систой дугъ.
Архайджыты хъуыд 1400 метры дистанци куыд тагъддæр ацæуын. Дугъы рæстæг иу цалынмæ адæймаг хъуыды кодта, мæнæ ацы барæг уыдзæн фыццаг, уæд мæ иу æй иннæ æрбаййæфта æмæ афтæмæй ерыстæ уыдысты ноджы цымыдисагдæр.
Барджыты æнкъарæнтæ æмæ уæлахизмæ тырнындзинад æрбацæуджытæ дардмæ дæр æмбæрстой. Текъаты Тимур йæ бæх Цæхæримæ мадзалы фыццаг хатт нæ архайы. Куыд радзырдта, афтæмæй сæйрагдæр у цæрæгойимæ амбарындзинад.
Кæсгон, араббаг кæнæ æмхæццæ мыггагæй. Иуæй иннæ рæсугъддæр æфсургъты сæ хицæуттæ ерыстæм ласын райдыдтой рагацау. Чи сæ быхсондæр у, чи тагъддæр, кæмæндæр та йæ къæхтæ фидардæр. Гуырцъыты Тимурмæ ис цыппар бæхы. Келджойимæ ерыстæ рамбылдта дыууæ хатты. Ахæм æнтыстдзинад къухы бафты æрмæст дæргъвæтин рæстæг бæстон куысты ‘руаджы, зæгъы лæппу.
Дугъы архайджытæ – æппæт Цæгат Ирыстон æмæ суанг сыхаг республикæтæй, æдæппæтæй 50 адæймагæй фылдæр. Ис дзы куыд профессионалтæ, афтæ хæдахуыртæ дæр. Сæ æрыгондæртæй иу Хъыбызты Каролинæ, йæхи цæттæ кодта афæдзы бæрц.
Лæгты Дзуармæ кувæн къуырийы кадæн ерыстæ ирон адæммæ кæддæриддæр уыдысты кадджын. Йæ архайджытæ æвдыстой сæ арæхстдзинад, тых æмæ сæрæндзинад. Нæ фыдæлты хорз традици сног кæнын Дигорайы сфæнд кодтой 5 азы размæ.
Барджыты арæхстдзинадæн аргъ скæнынмæ æрæмбырд сæдæгай адæм. Мадзалы уазджыты ‘хсæн уыдысты районы администрацийы минæвæрттæ, республикæйы спорты министр Фрайты Сослан. Дугъы уæлахиздзаутæм æнхъæлмæ кастысты æхсызгон лæвæрттæ – кубоктæ æмæ майдантæ. Дарддæр та æнæмæнг бæрæгбоны фынг.
















