Евгений Вахтанговы номыл уырыссаг академион театр ирд премьерæйæ сæхгæдта йæ сезон. Аивадуарзджыты размæ рахастой спектакль «Мой бедный Марат». Сюжеты æвдыст цæуы, Ленинграды æрхъулайы зындзинæдтæ цы æртæ æмбалы бавзæрстой, уый. Ам ис уарзондзинад, ивгъуыды зындзинæдтæ æмæ фидæны размӕ тас. Режиссер – Александра Тэнина. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ сæйраг хæс уыд Алексей Арбузовы пьесæ раст рахæссын адӕмы размӕ.
Æртæ адæймаджы æмæ æртæ хъысмæты. Ацы истори у, адæмы зындзинад куыд æнгом кæны, уый тыххæй. Хæст сын сæ цард саста, фæлæ сæ хъаруйæн фæтасæн нæ уыд. Æфхæрд адæм фыццаг хатт фембæлдысты æрдæгпырх хæдзары. Ногæй ахуыр кæнынц цæрын æмæ уарзын. Пьесæ «Мой бедный Марат»-ы æвдыст цæуы уæззау дуджы рæстæг.
Дыккаг акт у фæсхæстон — драмон. Хъайтартæн ацы хай уыд æппæты зындæр. Пьесæ «Мой бедный Марат» Алексей Арбузов ныффыста 1964-æм азы. 6 азы фæстæ та йæ фыццаг хатт бахастой уырыссаг театры репертуармæ.
Хæст æмæ æрхъула хъайтарты афонæй раздæр ахъомыл кодтой. Сæхимæ сæ бахъуыд бæрнон хæстæ райсын. Уæззау фæд ныууагъта сæ сабидугыл. Сæ хъысмæты тыххæй та бæстонæй дзуры сæйраг хъайтар. Бамбарын æй æнцон нæу, зæгъы актер Александр Зафириди.
Пьесæ æвдыст цæуы драмæйы хуызы. Сæйраг хъайтарты руаджы та хъæздыг у хъæлдзæг фæзилæнтæй. «Мой бедный Марат» равдыстæй Евгений Вахтанговы номыл уырыссаг театр сæхгæтта сезон.