Уæдмæ та уал нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад ныр цалдæр азы æххæст кæны сабиты ирон æвзагыл æфтауыны хæстæ. Кусынц национ программæ «Ирон адæмы национ æмæ культурон райрæзты» фæлгæты. Мадæлон æвзаг базонынмæ сабитæ æнæзивæгæй уайынц Сывæллæтты сфæлдыстады галуанмæ. Сæ ахуыртæ цæудзысты дыууæ мæйы. Куыд æмæ цы хуызы? Уый тыххæй та нæ дарддæры æрмæг.
Саби фыццаг зарæг цы `взагыл фехъусы, йæ фыццаг къахдзæфтимæ цы фыццаг дзырдтæ фæзæгъы, уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад национ программæ «Ирон адæмы национ æмæ культурон райрæзты» фæлгæты ныр цалдæр азы æххæст кæны сабиты ирон æвзагыл æфтауыны хæстæ. Йæ сусæгдзинæдтæ йын рæзгæ фæлтæр иртасдзысты æмæ ахуыр кæндзысты сæ улæфты рæстæг.
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахæм ахуыртæ цæудзысты дыууæ мæйы. Сæ нысан иу у: сабитæ хъуамæ дæргъвæтин фæлладуадзæн рæстæг хъусой сæ мадæлон æвзаг, дзурой йыл, ма йæ рох кæной. Ахæм хуызы йæ хъæбулы мадæлон æвзагмæ бацымыдис кæныны фæнд бирæ ныййарджытæм сæвзæры. Ахуырты архайдзысты 100 сывæллоны – ахуырадон центртæ «Интеллект» æмæ «Эрудит»-ы хъомылгæнинæгтæ. Сæ кармæ гæсгæ сæ адих кодтой 4 къордыл. Семæ къуыри æртæ хатты 10 сахатæй 12 сахаты онг кусдзысты фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ сæрмагонд фæткмæ гæсгæ.
Райгонд сты ацы ахуыртæй педагогон институты минæвæрттæ дæр. Сæ ахуыргæнæндоны цæттæ кæнынц суинаг рухстауджыты, ирон дзырды фарн, ирондзинад кæстæр фæлтæмæ сыгъдæгæй чи хæццæ, кæндзæн ахæм æрыгон ахуыргæнджыты. Сабитимæ фæлтæрдджын зондамонджытæ куыд кусынц, уый сын пайда у. Ахæм фæлтæрддзинадыл æнцайгæйæ, сæ дæсныдзинад кæндзæн фидардæр. Зæрдиагæй кусынц ууыл.
Мадзалы фæлгæты ма сывæллæттæн сарæзтой мадæлон æвзагыл фыст чингуыты равдыст. Фенæн дзы уыд ирон литерæтурæйы уацмысты бындурыл конд нывтæ дæр. Педагогон институты студенттæ та сын радзырдтой æмдзæвгæ. Азæй-азмæ ахуыртæм æрбацæуы фылдæрæй-фылдæр сывæллæттæ. Афтæмæй зондамонджыты фидарæй уырны, ирон æвзаг ирон хæдзæртты дарддæр дæр кæй зæлдзæн, уый.