Сæрдыгон фæлладуадзæн бонты куысты нылæууын фæсивæды ‘хсæн парахат кæны. Æрыгæтты хъæуы дыууæ хъуыддаджы сæххæст кæнын – официалон æгъдауæй куыст ссарын æмæ мызд. Уый ахсджиаг у социалон гарантитæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы, уыимæ фæллойадон стажыл бацархайын. Куыстдæттæг байгом кæны электронон чиныг æмæ бафиды хъæугæ фиддонтæ. Уыдон сахадынц фидæны пенси нымайгæйæ.
Фыццаг хи коэфицент базонæн ис пенсион фæдзæхстады системæйы регистраци скæнгæйæ. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ хибарæй скъоладзауæн йæ бон у бадзырд бафыссын 16 аздзыдæй райдайгæйæ. 15 аздзыдæй та æрмæст иумæйаг ахуырад куы райса æмæ йæ ахуырад дарддæр изæрыгон, кæнæ фæсаууонмæ чи æххæст кæны, ахæм фæсивæд. 14 азы кæуыл цæуы, уыцы анахъомæн та сæ бон фæллой кæнын у æрмæст сæ ныййарджытæй бар райсгæйæ. Уыимæ ма фæсивæдæн æмбæлынц паддзахады æххуысы гæнæнтæ.
















