Сценæйы астæу, куыд классикон сюжеты – экспедитор Иван Кузьмич Подколесин. Йæ фынтæй хъал нæлгоймæг хъуыдытæ кæны, цымæ цæмæй у хорз бинонтæ скæнын? Ус ракурын æй фæнды, фæлæ уыцы-иу рæстæг, дызæрдыг дæр кæны. Йе ‘рдхорд Кочкарев æй райдыдта разæнгард кæнын. Сиахсаг сразы Агафья Тихоновайы чызгмæ минæвар фæцæуын. Фæлæ уалынмæ сценæйыл фæзындысты, сæ иуæй иннæ цымыдисагдæр усгуртæ.
Æппæты уындджынæдæр сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, разынд Подколесин. Фæлæ, сæйраг хъайтар уæддæр кæны дызæрдыг, æппыннфæстаг Подколесин алыгъд.
Усгуры сурæт сæххæст кодта “Амыран”- артист Хæныкъаты Батраз. Куыд нын радзырдта, афтæмæй бирæ æвзæрста пьесæйы мидис, сæйрагдæр та йæ фæлгонц.
Классикон сюжет адæмæн уарзон “Амыран”-ы къухы фæдимæ. Зæрдæмæдзæугæ драмæ, фæлæ уыцы-иу рæстæг комеди ирон худæг ныхæстæ æмæ сатирæйы фæрцы рауад ноджы хъæлдзæгдæр. Артисттæ алы персонажæй дæр бацархайдтой хицæн истори скæнын. Режиссеры ныхæстæм гæсгæ, алчидæр дзы, æнæмæнг, искæй базондзæн.
Спекталыл куыстой афæдзы æрдæгæй фылдæр. “Женитьба” ирон æвзæгмæ ратæлмац кодта “Амыран”-ы директор Лазарты Таймураз. Тæлмац та йæ хъуыд афтæ, цæмæй йæ мидис ма фесæфа, йæ юмор та иронау уа ноджы хъæлдзæгдæр. Уæвгæ, афтæ бæстон бакуыстой костюмтæ, декорацитæ æмæ музыкæйыл дæр.
Фæсивæдон театр пьесæ сценæмæ рахастой “Молодость без границ” сфæлдыстадон проекты руаджы, æххæстгонд цæуы Уæрæсейы фольклорон цæдисы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады руаджы, Уæрæсейы культурæйы министрады æххуысæй.
Сфæлдыстадон къорд дарддæр кусынц ног равдыстытыл. Театрдзаутæн зæрдæ æвæрынц тагъд рæстæджы та сын сæ зæрдæтæ кæй барухс кæндзысты, уымæй.
















