15 июлæй Уæрæсейы йæ тыхы бацыд студентон туризмы программæ. Уый фæрцы фæсивæдæн сæ бон уыдзæн абалц кæнын нæ бæстæйы алы регионтæм. Уыимæ ма чысыл аргъыл сын уыдзæн университетты æмдзæрæнты цæрыны фадат. Проекты арахайынц 15 уæлдæр ахуыргæнæндоны. Бынæттæ дæр хуымæтæджы æвзæрст не ‘рцыдысты. Нæ республикæ уал суазæг уал кодта Казанæй фыццаг группæ.
Балцы алы минут дæр зæрдыл бадарын. Казаны федералон университеты студенттæ нæ республикæйы уазæгуаты сты фыццаг хатт. Фæлæ сæ ныфс ис фæстæмæ ма кæй æрыздæхдзысты, уымæй.
Æрзилдзысты Ирыстоны алæмæты бынæттыл. Æхсинтæ, Мацутæ æмæ Гæлиат. Студенттæн бацæттæ кодтой сæрмагонд экскурси. Радзырдтой сын ирон æгъдæуттæ æмæ культурæйы сусæгдзинæдты тыххæй.
Фæсивæд Ирыстоны уыдзысты 3 боны. Ныридæгæн уал федтой националон музей, базонгæ сты горæтимæ. Æдæппæтæй Казанæй ссыдысты 6 адæймаджы. Æрбынат кодтой ЦИПУ-йы æмдзæрæны.
Регионтæм абалц кæнын студенттæй кæй фæнда, уыдонæн сæ бон у сæрмагонд сайты балцы тыххæй фылдæр информаци базонын.