Тыхджын дымгæйæ Алагиры районы цалдæр хъæуы хъыгдæрд баййæфтой. Афæлдæхта хæдзæртты сæртæ, афæлдæхта бæлæстæ. Адæм баззадысты æнæ дон æмæ рухсæй. Æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ куыд иуварс кæнынц, уый базонынмæ районмæ абалц кодта нæ уацхæссæг дæр.
Тыхджын дымгæ хæдзары сæр фелвæста. Æрмæст ма зынынц хъӕдын цæджындзты сæстытæ æмæ электрон тыхы тыд телтæ. Гуыриаты Зауырбегæн боныхъæды фæстиуджытæ стыр зиан æрхастой.
Дымгæ куы райдыдта, уæд Зауырбег уыд йæ сыхæгтæм. Уынæр куы фехъуыста, уæд, фыццаджыдæр, йæ ацæргæ фыдæн фæтарст. Йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд у. Йæхи бон сыстын нæу.
Ацы кадртæ та систа Дзуарыхъæуы бынæттон цæрæг тыхджын дымгæйы хæдфæстæ. Дудиаты бинонты хæдзары сæр дæр дымгæ ахаста. Агъуыстытæ æмæ скъæты сæртæ афæлдæхта. Бинонтæ хи хъарутæй иуварс кæнынц фæстиуджытæ. Сыхæгтæ сын баххуыс кодтой хæдзары сæр рæстæгмæ бамбæрзын. Фæлæ, уарынты тæдздзæн. Цалцæг кæнын ӕрмӕст цар нæ бахъæудзæн.
Бинонтæ хæдзар сцалцæг кодтой кредитты фæрæзтæй. Абон дæр ма сæ фидынц. Уымæ гæсгæ, хæдзары сæр сног кæнын хи хъарутæй сæ бон нæу. Æнхъæлмæ кæсынц æххуысмæ. Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг Гуыриаты Валерий районыл афæлгæсыд дымгæйы фæстæ. Цы зиан æрхаста æвзæр боныхъæд, уый сбæрæг кодта. Хъыгдæрд баййæфтой 25 хæдзары.
Дымгæйыл Фыййагдоны бынæттон цæрджытæ ахуыр сты. Фæлæ дзы ахæм тыхджын дымгæ рагæй нæ уыд. Район æнæхъæн бон баззад æнæ рухсæй. Электрон тых ногæй бауагътой сæумæрайсоммæ.
Бирæуæладзыгон хæдзæртты сæртæ дæр бахъыгдæрта дымгæ. Афæлдæхта гаражты сæртæ æмæ бæлæстæ. Дымгæйы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл бакуыстой бынæттон цæрджытæ. Фæлæ бирæ рæтты бахъæудзæн бындурон цалцæг.