Уæрæсейы Генералон прокуроры хæдивæг Андрей Кикоть рахаста азымы дарæг кæронбæттæн хатдзæг Гæджиты Асланы хъуыддаджы фæдыл. Фæсномыгæй «Джако» кæй хуыдтой, уыцы нæлгоймаджы азымджын кæнынц Уæрæсейы Федерацийы Уголовон кодексы 210-æм, 209-æм, 105-æм, стæй 222-æм уацты хицæн хæйттæм гæсгæ.
Уый тыххæй хъусын кæнынц, Уæрæсейы Генпрокуратурæйы Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдты сæйраг разамындæй. Слестгæнджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй Гæджиты Аслан йе `мхъузæттимæ сарæзта фыдгæнджыты 3 уæрæх хызæджы. Алкæмæн дæр дзы уыдис йæхи разамонæг, Джакойæн чи лæвæрдта дзуапп, ахæмтæ. Цы хæцæнгарз уыдис сæ къухы, уымæй къорды уæнгтæ амардтой цалдæр адæймаджы Цæгат Ирыстоны.
Уæвгæ, сæ фыдбылызтæ канд нæ республикæйы нæ ракодтой. Цалдæр азы размæ барадхъахъхъæнджытæ æрхæцыдысты фыдгæнджыты рохтыл. Ныр уголовон хъуыддаг прокурортæ арвыстой Уæрæсейы Сæйраг тæрхондонмæ. Хъуамæ дзы рахæссой, тæрхон цы ран цæудзæн, уый фæдыл уынаффæ дæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ фыдгæнджыты къорды иннæ разамонджыты, стæй кæй нæма `рцахстой, уыдоны ныхмæ слестгæнæн-иртасæн куыст цæуы дарддæр.