Газы хæтæлы срæмыгъды аххосæй иу адæймаг фæмард. Иу адæймаг бахауд рынчындонмæ. Владикавказкая уынджы цалцæггæнæн куыстыты рæстæг уагътой газы хæтæл. Газ ныггуыпп кодта æмæ æрцыд срæмыгъд. Бынаты æрбалæууыдсты зынгхуыссынгæнджытæ.
Арт ахуыссын кодтой. Газы службæ архайы, цæмæй газ уæлдæфмæ ма цæуа. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло сæмбæлд бынатмæ. Радта æмбæлгæ хæслæвæрдтæ. Компани «Газпром газораспределение Владикавказ»-ы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй цалцæггæнæн куыстыты архайдта хицæн адæймæгты подрядон организаци.
Срæмыгъды фæдыл сæрмагонд басгæрст сарæзтой прокуратурæйы кусджытæ.