Уæрæсейы федерацийы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны æмæ Абхазы адæмон артист, Станиславскийы номыл Паддзахадон лауреат – Годжыцаты Исахъ бирæ азты дæргъы йе ‘сфæлдыстады фæрцы рухс кодта театрдзауты зæрдæтæ. Йæ æгæрон курдиаты руаджы Годжыцаты Исахъ сарæзта бирæ алыхуызон сурæттæ. Уæдæ йе ‘мгæрттæ æмæ йе ‘мкусджытæн та уыд зæрдæхæлар æмбал. 90 азы хъуамæ сæххæст уыдаид йæ райгуырæн боныл. Уый фæдыл нæ республикæйы арæзт æрцыдысты сæрмагонд мадзæлттæ.
Хуссар Ирыстонæй цы хуымæтæг лæппу рацыд, уый аивады фыццаг къахдзæвтæ кæнын райдыдта Цхинвалы паддзахадон ансамблы. Уæд, Хуссар Ирыстоны, Ортевы хъæуы, фæзынд фидæны зындгонд зарæггæнæг, кафæг æмæ драматург Годжыцаты Исахъ. Æмæ чи зоны, йæхæдæг ыл хъуыды дæр никуы акодтат, зындгонд артистты æмрæнхъ кæй æрлæудзæн, уый. Фæлæ æнæбафиппайгæ нæ уыд æрмæстддæр иу хъуыддаг – театрдзаутæн уарзон артист кæй суыдзæн, уый.
1955 азы Хуссар Ирыстоны курдиатджын фæсивæды æрæмбырд кодтой драмон театралон къордмæ. Уыдоны ‘хсæн уыд Годжыцаты Исахъ дæр. Афтæмæй фæцахуыр кодта Мæскуыйы аивадон академион театры ирон студийы. Фæстæмæ куы сыздæхт, уæд та 1963 азы куыта Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры. Афтæмæй райдыдта йæ цымыдисаг аивадон фæндаг. Иу сурæт ын уыд иннæмæй хъæздыгдæр, зæгъынц йе ‘мкусджытæ.
Хуыгаты Георы «Сæтти æмæ Бæтти», «Æмпъузæнтæ», Плиты Христофоры «Нæ усгур алыгъди», Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон». Æма ма бирæ æндæр спектакльты сарæзта цымыдисаг сурæттæ Годжыцаты Исахъ. Уæдæ йын бирæ бантыст драматургийы дæр. Адæмы зæрдæмæ фæцыдысты йæхи фыст драмон уацмыстæ. Уыдоны ‘хсæн: «Æз ус нæ курын», «Уарзон зарæг», «Сидзæрты мæсыг», «Хъæддаг чызг» æмæ æндæртæ. Ныртæккæ дæр Ирон театры репертуары ис сты ацы спектальтæ.
Годжыцаты Исахъы номыл нæ республикæйы арæзт æрцыдысты бирæ мадзæлттæ. Зæгъæм, Ирон театры йæ ном мысгæйæ, равдыстой йæхи фыст спектакль «Хъæддаг чызг». Уымæй уæлдай адæмæн бацæттæ кодтой йæ къамтæ æмæ йæ видеоæрмæджыты равдыст.
Уыимæ нæ республикæйы театралон музейы цæттæгонд æрцыд йæ къамты равдыст. Йæ ном æрмысынмæ йæм æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны артисттæ æмæ Ирон театры разамынд.
Годжыцаты Исахъ æрмæст спектаклты нæ хъазыд, фæлæ ма кинонывты дæр. Йе сфæлдыстады æвдисæнтæ сты «Ах, любовь!», «Сюрприз», «Во всем виновата Залина», «Волшебная папаха» æмæ ма бирæ æндæртæ. Алы куыстмæ дæр арæхст, алкæмæндæр æххуыс кодта. Годжыцаты Исахъы рухс стъалы ныр дæр ма у фæндагамонæг Ирон театры актертæн. 1996 йæ цардæй ахицæн, фæлæ йæ курдаит нæ бамынæг.
Къутæрты Аидæ