Фермерон хæдзарæдты райрæзтæн – сæрмагонд грант. Регионалон программæ «Агростартап»-ы фæлгæты Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады чи фæллой кæны, уыдонæн аразынц ног фадæттæ. Дæттынц сын æхцайы фæрæзтæ. Программæ снысан кодтой 2019 азы. Ныртæккæ фермертæн сæ бон у паддзахады æххуысы фæрцы хъæууон хæдзарады къабазы кусын. Уырдæм хауынц стурвос æмæ лыстæг фосдарынады къабæзтæ, дзидзайы куыст. Уымæй уæлдай ис мыдыбындзытæ æмæ зокъоты куыст кæнæн дæр. Уæдæ ма æхца райсæн ис хæдзарон мæргътæ дарынæн дæр. Уыйадыл, йæ цард хъæууон хæдзарадимæ чи сбаста, уыдонæй ныридæгæн бирæтæ слæууыдысты рæзты къахыл. Горæтгæрон районы фермерты æнтыстдзинæдты тыххæй – нæ дарддæры æрмæг.
Къутæрты Тимуры хæдзарады ис 23 стуры. Самал сæ кодта хъæууон хæдзарады министрады гранты фæрцы. Фермер кæны æхсыры куыст. Иу хъуг бонмæ дæтты 15 литры ӕхсыр. Йæ хæрзхъæддзинад тынг хорз у – сойджын. Уый сæрмагонд холлæгты фæрцы.
Грант Къутæрты Тимур райста фарон ноябры. Стурвос балхæнын та йæ къухы бафтыд æрмæст мæй размæ. Æрласта сæ Воронежæй. Фермер куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыст йæ зæрдæмæ цæуы. Фæлæ ис зындзинæдтæ дæр. Зæгъæм, фосы джыбытæ тынг хъыгдарынц. Уæдæ холладжы аргъ дæр æппынæдзух хæрдмæ цæуы.
Хъæуты цæрджытæй фосы кæнæ зæххы куыст кæнын кæй фæнды райдайын, уыдонæн паддзахад ныр дæр æххуыс кæны. Грант райсынæн фылдæр гæнæнтæ ис, зæххы хай æмæ фосдарæн бынат кæмæ ис, уыдонæн.
Нæ республикæйы хицауад хъæууон хæдзарады райрæзтмæ здахы уæлдай æргом. Уый тыххæй арæзт сты паддзахадон программæтæ дæр. Программæмæ цы фермерты бахастой, уыдоны хæдзарадтæм кæсы сæрмагонд къамис.