Æрвылаз къохмæ æрбацæуы бирæ адæм. Уымæ гæсгæ паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ хъусын кæнынц: «Дзæуджыхъæу-Алагир» фæндагыл цæмæй цæндтæ ма фæзына, уый тыххæй иуæй-иу хæдтулгæтæн амынд уыдзæн æндæр фæндагыл ацæуын.
Сæрмагондæй Дзæуджыхъæуæй чи цæуа, уыцы шофырты æрвитдзысты Дзуарыхъæуы уылты Архонкæмæ, Алагирæй чи рабалц кæна, уыдонæн та фадат уыдзæн Пысылмонхъæу, стæй Æрыдоны уылты бахæццæ уæвын. Цæрджыты удæнцойæн бæрæгбоны мадзæлтты рæстæг хæдтулгæтæн суæгъд кæндзысты æрлæууæн бынæттæ.
Хетæджы Уастырджийы бон кувæндоны æнæмæнг æххæст кæнын хъæудзæн сæрмагонд уагæвæрд æмæ барадон фæтк.