Абон дыууæ Ирыстоны мысынц 2008-æм азы хæстон цаутæ. Уæд, 8 августы, æхсæвы Гуырдзыстоны æфæддонтæ, æппæтадæмон хæлардзинады бадзырд фехалгæйæ, райдыдтой Хуссар Ирыстоны штурм.
Хæстон цаутæ цыдысты 5 боны дæргъы. Фæмард дзы дæсгай адæм, сæдæгæйттæ баййæфтой хъыгдард. Уыдоны ‘хсæн сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, ацæргæ адæм, Гуырдзыстоны æфсады ныхмæ æрлæууæг хъæбатыр нæлгоймæгтæ, Уæрæсейы сабырдзинадтауджытæ. Хуссар Ирыстоны алы аз дæр арæзт æрцæуынц номарæн мадзæлттæ. Республикæйы разамынд, паддзахадон делегацитæ, хуымæтæг цæрджытæ æмæ уазджытæ дидинджытæ сæвæрынц хæстон цауты амæттæгты цыртдзæвæнтыл. Изæры та сæ номыл ссудзынц цырæгътæ.
















