Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц инсультимæ тох кæныны бон. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй 80% цауты низæй хи бахизæн вæййы. Уый тыххæй æппынæдзух хъæуы хуымæтæг домæнтæ æххæст кæнын: арæх змæлын, никотин æмæ хъæбæр нозтæй ма пайда кæнын. Иу ныхасæй æнæниз царды уаг адæймаджы бахиздзæн æвзæр фæстиуджытæй. Нæ дарддæры æрмæджы радзурдзыстæм, хи куыд дарын хъæуы æмæ фыццаг медицинон æххуыс куыд бакæнæн ис, адæймаг уæ фарсмæ куы бавзæр уа, уæд.
Уæд æй Алла Горяинова нæма зыдта, уыдон инсульты æууæлтæ сты, уый. Къæхты æндзыгæй уæлдай иумæйаг лæмæгъдзинад æмæ сæрызылд. Фæлæ дохтырмæ фæдзурынмæ нæ тагъд кодта, хъуыды кодта кæй ын фенцондæр уыдзæн, дзуры сылгоймаг. Тагъд æххуысмæ фæсидт бынтон куы ныуæззау, уæд.
Ныр мæхи хуыздæр æнкъарын. Мæ туджы æлхъывдад æрхауд. Уый курæг дæн æмæ низы æууæлтæ йæхиуыл чи банкъара, уый фæстиат ма кæнæд, æнæмæнг фæдзурæд дохтырмæ. Æз дæр афтæ хъуыды кодтон, фæдзæбæх уыдзынæн, зæгъæгæ, æмæ ахджиаг рæстæг ауагътон.
Æвзæр фæстиуджытæй хи бахизæн ис, инсульты æууæлтæ куы зонай, уæд. Арæхдæр сæхи февдисынц низы фæтынгы размæ. Уыдон сты цæсгомы иртæст, æнæрхъуыды хидарынад, ныхасы уаджыхæлд, буары æндзыг æмæ иумæйаг лæмæгъдзинад. Кæд ацы пункттæй суанг иу разынд, уæд æнæмæнг хъæуы специалисттæм бацæуын æмæ æмбæлгæ терапийæ райдайын. Ахæм уавæрмæ куыд фæндыйы цæстæй кæсæн нæй.
Низы парахатдæр аххсæгтæ сты – туджы бæрзонд æлхъывдад, уæлдай уæз, сæкæрниз, зæрдæйы низтæ æмæ атеросклероз. Ахæм низтимæ адæмæн инсультæй тæссаг у. Уыдоны сæ æнæниздзинадмæ уæлдай бæстондæрæй кæсын хъæуы, арæхдæр дохтыртæм цæуын.
Арæх афтæ рауайы æмæ инсульт æрцæуы куысты рæстæг кæнæ тезгъо кæнгæйæ. Адæймаджы аирвæзын кæнынæн вæййы цыппар сахаты. Кæд æмкусæгмæ кæнæ уынджы æцæгæлон адæймагмæ низы æууæлтæ фæзынд, уæд ын хъæуы фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Фыццаджыдæр æм сыгъдæг уæлдæф бауадзын, йæ сæрыл ын схæцын, тагъд æххуысмæ фæдзурын æмæ йæ фарсмæ фæлæууын.
Мах фыццаджыдæр хъуамæ адæймаджы бахуыдын кæнæм, кæд уый скæнын йæ бон не суа, кæннод йæ цæсгом иртæст уа, уæд хъуамæ фæдызæрдыг уæм, дарддæр хъуамæ адæймагæн йæ къухтæ сисын кæнæм, бафæрсæм æй йæ ном æмæ йæ мыггагæй, кæд йæ ныхасы уаг хæлд уа, уæд хъуамæ æнæмæнг фæдзурæм тагъд æххуысмæ.
Цæгат Ирыстоны афæдзмæ инсульт раиртасынц 2 мин 500 адæймагæй фылдæрмæ. Статистикæмæ гæсгæ рынчынты 15% нал аирвæзынц. Уый бæстæйы иннæ регионтимæ абаргæйæ чысыл бæрæггæнæн у. Нæ специалисттæ æппынæдзух фылдæр кæнынц дзæбæхгæнæн мадзæлтты хæрзхъæддзинад, пайда кæнынц ног технологитæй æмæ преппараттæй. Ныртæккæ низы ныхмæ ахадгæ куыст цæуы, фæлæ уæддæр ахсджиаг у дохтырмæ афоныл фæдзурын. Сæры магъз хъыгдæрд куы баййафа, уæд уый æвзæр фæстиуджытæм расайы. Дунейы бæрæггæнæнтæ æххæстæй райсгæйæ ахæм цауты нал аирвæзы пациентты 50%.