Æмæ ма, мадæлон æвзагыл æнувыд чи у, уыдонæн хъусынгæнинаг. Ирон æвзаг æмæ литературæйы Бонмæ нæ телеканал цæттæ кæны сæрмагонд программæ. Райсом, 15-æм майы 19 сахатыл æмæ 30 минутыл кæсут бæрæгбоны эфирмæ. Нæ студийы уазджытæ уыдзысты, мадæлон æвзаджы рæзтыл зæрдиагæй чи кусы, ахæм æрыгон адæймæгтæ. «Ирон æвзаг, зæгъынц, Елхотæй дарддæр нæ хъæуы». Фæлæ йыл сдзырдтой Европæйы бæстæты! Æмæ ууыл дæр ныхас цæудзæн программæйы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Ирон æвзаг æмæ литературæйы Бон фидаргонд æрцыди 2003-æм азы. Уæдæй фæстæмæ йæ нæ республикæйы æмæ фæсарæнты цæрæг ирæттæ сбæрæг кæнынц парахатæй.