Дзæуджыхъæуы администрацийы цъæх фæлыст, аивдзинад æмæ фæндæгты арæзтады управленийы хицауы уголовон хъуыддаджы фæдыл рахастой кæронбæттæн уынаффæ.
Уый тыххæй хъусын кæны администрацийы пресс-службæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй дзуапдæттæг управленийы разамонæг Тургеневы номыл уынджы афойнадыл бæлæстæ бахсæдыны куыстытæ нæ бакодта. Афтæмæй 2 июны 2020 азы уыцы бæлæстæй иу æрхауд 9-аздзыд сывæллоныл. Лæппу йæхи ирхæфста сывæллæтты фæзы. Фыдбылызы тыххæй уæззау цæфтимæ бахауд рынчындонмæ. Уголовон хъуыддаг арвитдзысты Дзæуджыхъæуы Советон тæрхондонмæ.