Кавказаг курорттæн специалистты цæттæ кæндзысты Цæгат Ирыстоны. Уый тыххæй республикæйы байгом кæндзысты ахуырадон кластер “Туризм æмæ лæггæдты къабаз” проект “Профессионалитет”-мæ гæсгæ.
Студентты ахуыр кæнын райдайдзысты фидæны аз, Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы бындурыл. Сергей Меняйло фæнысан кодта, рауагъдонтæн куысты бынæттæ кæй ссардзысты, уый. Уыимæ, сæ бон равзарын уыдзæн куыд Ирыстон, афтæ æндæр регионтæ дæр. Уый фæдыл сæрмагонд бадзырд абон бафыста республикæйы разамонæг Кавказ.РФ-ы минæвæрттимæ. Проект у ахджиаг. Цæгат Кавказы федералон зылды æнтыстджынæй рæзы туристты нымæц. Афæдзы райдианæй Ирыстон бабæрæг кодтой милуанмæ ‘ввахс адæймаджы. Курорт “Мамысон” куы скуса, уæд та, æнæмæнг, уыдзысты фылдæр. Индустрийы бахъæудзæн къабазы алы дæсныйæдты сппециалисттæ.