150 спортсменæй фылдæр бацархайдтой армрестлингæй ерысты. Сарæзтой йæ Дигорайы. Бынæттон спорткомплексы æрæмбырд сты æрмæст ерысгæнджытæ нæ, фæлæ ма спортуарзджытæ дæр. Ерыстæ цыдысты 2 боны. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзæн республикæйы иумæйаг командæ армрестлингæй. Уый архайдзæн Уæрæсейы чемпионаты. Ацæудзæн мартъийы, Чеховы.
Ацы спорты хуыз æрмæст æвзонг лæппутæн у, зæгъгæ чи хъуыды кæны, уыдон рæдийынц. Куыд рабæрæг афтæмæй дзы чызджытæ дæр архайынц. Таймæзты Зæринæ армрестлингы йæхи 6 азы фæлвары. Æмæ волейбол кæй ныууагъта, ууыл иу уысм дæр фæсмон нæ кæны.
Ерысы архайджытæ тохы равдисынц се `нкъарæнтæ. Арæх ерысгæнджытæн фембæлды армытъæпæнтæ схид вæййынц. Уый аххосагæй тох арæх бауыромынц. Тæрхонгæнджытæ ахæм уавæры архайджытæн сæ къухтæ сæрмагонд ронæй бабæттынц.
Армрестлинг тыхæй уæлдай ма ахсджиаг у техника. Хъуамæ иу уысммæ дæ тыхтæй раст спайда кæнай. Уæрæсейы сгуыхт тренер Золойты Маирбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй уæлахизы сæйрагдæр у -кусынхъомдзинад. Кæд æмæ спортсментæ æрыгон сты, уæддæр размæ æвæрынц стыр пълæнттæ. Сæхи цæттæ кæнынц бæстонæй.
Ерысты архайдтой 150 спортсменæй фылдæр. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ сбæлвырд нæ республикæйы иумæйаг командæ. Уый мартъийы Чеховы архайдзæн Уæрæсейы чемпионаты.
Пелиты Сабинæ