preloader
сейчас в эфире
19:15
ХАБÆРТТÆ 12+
Смотрите Далее
19:30
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ 12+
20:30
РАЗБОР ПОЛЕТОВ 12+
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
БÆРНОН НЫХАС 12+
22:10
ОСТРОВ ВЕЗЕНИЯ 16+
ТВ ПРОГРАММА
ХАБÆРТТÆ 12+
close

Лескены амбулаторийы тагъд æххуысы къарет артаг ныккæнынæн фæцæуы нартыхъæумæ

20.08.2021 21:07

Куыд рабæрæг, афтæмæй, медицинон кусджыты сæ хæдтулгæты артаг ныккæнынæн бахъæуы 65 килломентры дарддæр ацæуын. Суанг Æрыдоны районы Нартыхъæуы онг.

Æрæфы районы цæрджыты хатгай тагъд æххуысы къаретмæ сахатгай æнхъæлмæ кæсын бахъæуы. Куыд рабæрæг, афтæмæй, медицинон кусджыты сæ хæдтулгæты артаг ныккæнынæн бахъæуы 65 килломентры дарддæр ацæуын. Суанг Æрыдоны районы Нартыхъæуы онг. Цæмæ сæвзæрд ахæм уавæр, æмæ фарста аиуварс кæныныл куыд архайыц, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг.


Тахъазты Ритæ ныр дæр йæ кæуын тыххæй уромы. Сылгоймаг кæсы йæ рынчын хæстæгмæ. Арæх æй бахъæуы тагъд æххуысы службæйы минæвæрттæм дзурын. Кæд медицинон кусджыты къорд уыцы рæстæг хъæуы вæййынц, уæд рынчыны дуармæ балæууы. Фæлæ афтæ дæр рауайы, æмæ цæрджыты сахатгай бахъæуы æнхъæлмæ кæсын машинæмæ. Чи зоны, исчи зæгъа, æмæ специалисттæ сæ куыст нæ зонынц, кæнæ та рынчыты бæрц дзæвгар кæй у, уый æфсон скæна. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй, дохтырты, сæ хæдтулгæйы артаг ныккæнынмæ, бахъæуы Лескенæй 65 километры дарддæр ацæуын, Нарты хъæумæ.

Ахæм уавæр канд Лескены не`взæры, фæлæ æппæт Æрæфы районы дæр. Нырма ницы фыдбылызмæ расайдта, фæлæ йын бирæ нæ хъæуы, уымæ гæсгæ цæрджытæм æвзæры фарст, тагъд æххуысы машинæйы артаг ныккæнынмæ Нарты хъæумæ схардз кæны бензин 30 литры онг, уæд-ма йæ пайда цæй мидæг ис?

Цæрджытæ тыхсынц, ныртæккæ уавæр афтæ зæрдæхсаинаг кæм у, уæд ма зымæджы та куыд уыдзыдзы, зæгъгæ. Не`сфæлдыстадон къорд бафæлвæрдта сбæрæг кæнын, Лескенæй Нарты хъæумæ цасмæ бахæццæ вæййы хæдтулгæ, уый. Куыд разынд, афтæмæй 65 километры сæрты ахизынæн бахъæуы сахатæй фылдæр. Уый дæр ма рог хæдулгæйыл.Уæдæ тагъд æххуысы машинæ та ацы фæндагыл фылдæр цæудзæн. Республикон клиникон рынчындоны минæвæрттæ уавæрмæ цы цæстæй кæсынц, уый базонынвæнд скодтам. Куыд нын загътой, афтæмæй июны кæрон баивтой, артагæй цы куыстуат ифтонг кодта уый. Уый фæбæрæг бензины хæрзхъæддзинадыл

Тагъд æххуысы станцæйы разамынд архайы, тагъд рæстæджы фарста аиуварс кæнынмæ. Фæнд кæнынц Цыколайы æрæвæрын артаджы бынативгæ станцæ. Афтæмæй-иу къаддæр рæстæг бахъæудзæн, рынчынтæм дæр афойнадыл æмбæлдзæн æххуыс

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Æппæтадæмон хæлардзинады бон | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
9.06.2026
Ставд-Дуртæ. Уарзиаты Зарæ I Фæрдгуытæ
8.06.2026
Самое время I 08.06.2026
8.06.2026
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
История – в наследство I Гвардия
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
Праздник Холи I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Новые отделения РКБ, антинаркотический месячник и актуальные новости прошедшей недели I Самое время
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Все рекомендуемое