Мæскуыйы Æппæтадæмон равдыст-форум “Уæрæсе”-йы бæстыхайы ацыд æппæтуæрæсеон политикон парти “Иугонд Уæрæсе”-йы 21-æм æмбырд. Бацархайдтой дзы 1 мин адæймагæй фылдæр æгас бæстæйæ.
Цæгат Ирыстоны минæварады сæргъы лæууыд нæ республикæйы разамонæг, партийы регионалон хайады секретарь Сергей Меняйло. Форумы æрныхас кодтой политикон фракцийы сæйраг хæсты тыххæй, стæй рахæцыдысты Владимир Путины президенты ног æмгъуыдмæ æвзæрстыты бацархайыны фарс. Ахæм хъæппæрис рахаста партийы сæрдар Дмитрий Медведев. Владимир Путин партийæн арфæ ракодта, йæ фарс кæй рахæцыдысты, æмæ бафиппайдта, нырма “Иугонд Уæрæсе”-йы бирæ скæнын кæй хъæуы нæ бæстæйы сæраппонд. Куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы рæзтæн æнæмæнг хъæуы конкуренци, алыхуызон хъуыдытæ хъусын, æргом ныхас кæнын риссаг фарстатыл дзурын æмæ сæ куыд аиуварс кæнæн ис, ахæм фæндæгтæ агурын. Партийы уынаффæйы тыххæй Сергей Меняйло загъта, Уæрæсейы хæдбар æмæ хъæддыхæй уынын кæй фæнды, уыдон ын йæ фидæн æрмæст дæр нæ президентимæ кæй бæттынц, уый.
















