Лæгдзинады ордены кавалер Тархан Хордаев, фæмард йæ æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Музейы йæ номыл ис партæ. Бынаты ма Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, уыцы рауагъдонтимæ стенд. Скъола-интернаты хъæбатырты нæ рох кæнынц, æппынæдзух скæнынц экскурситæ, сæрмагонд уроктæ. Фæлладуадзæн рæстæг æмæ ахуырты фæстæ фæсивæд æххуыс кæнынц нæ æфсæддонтæн – бийынц сусæггæнæн хызтæ. 9-æм къласы ахуыргæнинаг Кучиты Ипак дæр иуварс нæ фæлæууыд. Райгуырæн скъолайы рауагъдонты æхсардзинад ын сси дæнцæг.
Дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ æппæт хъæугæ æрмæджытæ сын радих кодта “Иугонд Уæрæсейы” районы хайад. Сусæггæнæн хызтæ бийын сæ ахуыр кодтой “Фыццæгты змæлд”-ы минæвæрттæ дæр. Архайд зын нæу, фæлæ ахсджиаг. Куыст снывыл кодта скъола-интернаты бындурыл сывæллæтты хъæппæристы центр.
Афтæ сразæнгард сты æмæ сывæллæттæ педагогты разæй фæвæййынц. Тагъдад æмæ арæхстдзинад æмдзу кæнынц. Иу сусæггæнæн хыз сбийынæн бахъæуы 2-3 бонæй къуырийы онг. Уый аразгæ у æрмæджы асæй æмæ афæдзы афонæй.
Сусæггæнæн хыз цæттæ у,скъоладзаутæ ма нæ æфсæддонтæн æнæмæнг арвитдзысты æхсызгон ныхæстимæ фыстæджытæ дæр. Ныридæгæн сывæллæтты хъæппæристы центры бацæттæ кодтой æмæ тохы бынатмæ арвыстой 5 ахæм фæрæзы. Нæ хæстонтæн кæстæртæ æххуыс кæндзысты кæронмæ.
















