Коронавирусæй кæй фæрынчын, уый тыххæй гуырысхо кодтой Мæздæджы цæрæгыл. Ныртæккæ ис рынчындоны, йæ рæуджытæ кусынц улæфæн аппараты руаджы.
31-æм мартъийы 1976-æм азы гуырд сылгоймаг бахауад Мæздæджы рынчындонмæ. 10 бонмæ райдыдта хуыфын, йæ буары тæвд схызт, йе`уæнгтæ æрлæмæгъ сты. Йæхæдæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2 къуырийы размæ æрыздæхт Мæскуыйæ. Сарæзтой ын сæрмагонд иртæстытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæм коронавирус нæй.