preloader
сейчас в эфире
12:31
ФИЛЬМ-КОНЦЕРТ "ДОРОГОЮ ДРУЖБЫ" 12+
Смотрите Далее
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:20
ВОКЗАЛ ДЛЯ ДВОИХ 12+
15:00
ВЫБЕРИ ЖИЗНЬ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ФИЛЬМ-КОНЦЕРТ "ДОРОГОЮ ДРУЖБЫ" 12+
close

Марковы номыл уынджы хæдзар къæвдаты рæстæг донæй байдзаг вæййы

16.08.2021 20:40

Тæрккъæвдаты рæстæг фатертæ доны бын фæвæййынц, техникæ дæр нал фæкусы.

Марковы номыл уынджы 36-æм хæдзары цæрджытыл ныр цасдæр рæстæг боныхъæд йæ тых æвзары. Тæрккъæвдаты рæстæг фатертæ доны бын фæвæййынц, техникæ дæр нал фæкусы. Цæй аххосæй сæвзæрд ахæм уавæр æмæ йæ цæрджытæ куыд иуварс кæнынц, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг.


Боныхъæды ивддзинæдтæм Марковы номыл уынджы цæрджытæ зæрдæхсайгæйæ фенхъæлмæ кæсынц. Уарынты рæстæг къæвдайы дон бакæлы кæрт æмæ фатертæм.

Къæвдайы донæй хæдзары дзауматæ нал бæззынц, техникæ сæтты. Донæй байдзаг вæййы фатер иууылдæр.

Уалыты бинонты фатер иннæтæй фылдæр баййæфта хъыгдæрд. Къæвдаты фæстæ уаттæ цæрынæн нал бæззынц. Фæлæ Уалыты бинонтæ æмæ сæ сыхæгтæ кæдæм ацæуой, ахæм бынат нæй.

Хæдзар иннæтæй бындæр кæй лæууы, уый тыххæй къæвдайы дон иууылдæр бакæлы кæртмæ. Уыимæ ма хæдзары алфамбылай нал фæзыны цъыф, сыфтæ, æвгтæ æмæ быронæй.

Специалистты ныхæстæм гæсгæ, кæрты цы сæрмагонд уæрмытæ ис, уыдон къæвдайы доныл тых кæниккой, фæлæ уарынты рæстæг цы бырон сæмбырд вæййы, уый доны цыд уромы.

Цæрджыты ма ныр цалдæр азы дæргъы тыхсын кæны æндæр фарста дæр. Цы бируæладзыгон хæдзары цæрынц, ууыл ныр æнусæй фылдæр цæуы. Заууат уавæры ис, фæлæ кæлæтдзагыл нымад цæмæдæр гæсгæ нæу.

Цæрджытæ 2017 азæй фæстæмæ хъæстмæ цæуынц Дзæуджыхъæуы администрацимæ. Æмбæлгæ гæххæттытæ дæр сæмбырд кодтой. Фæлæ сын ведомствæйы дæттынц уыцы иу дзуапп.

Ныртæккæ къæвдайы дон æмбырдгæнæн къанæуттæ расыгъдæг кодтой. Дон сæм æнæ къуылымпытæй уайы. Фæлæ цæрджытæ боныхъæдмæ зæрдæхсайгæйæ æнхъæлмæ кæсынц. Уазæлттæ æрхæццæ кæнынц. Уымæ гæсгæ сæ иунæг ныфс у — администрацийы æххуыс.

Читайте также
Все новости