Æмбырды фæстæ Михаил Мишустин хицæнæй фембæлд Сергей Меняйлоимæ. Сæ дзырды сæр уыдысты Беслæны райрæзты, Черменыхъæуы скъолайы арæзтады, Цæгат Ирыстоны патриотон хъомылад æмæ терроризмы ныхмæ профилактикæйы центр фæзынд, стæй Мамысоны курорты дарддæры арæзтад. Сергей Меняйло ма фæндон бахаста, цæмæй хæстæгдæр рæстæджы Мæскуыйæ республикæмæ сæмбæлой, финансон æгъдауæй чи `ркæсдзæн экономикон бæрæггæнæнтæм, уыдон.
Уæрæсейы Хицауады сæрдар алы хъуыдыимæ дæр сразы, зæрдæ бавæрдта баххуыс кæнынæй. Æппæт хъуыддæгтæн хъæуы бирæ æхцайы фæрæзтæ, æмæ сыл республикæ æнæ федералон æххуысæй нæ аххæсдзæн. Æрмæст Михаил Мишустин бахæс кодта, цæмæй бюджеты фæрæзтæ уæгъдæй мачи хардз кæна. Сергей Меняйлойæн бамбарын кодта æппæт куыстытæм дæр æмбæлгæ цæст дарын. Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй уымæн дæр ис хорз мадзал.