Мызуры байгом ног спортивон фæз. Сывæллæтты бон дзы у футбол æмæ баскетболæй хъазын. Ис дзы къуылмпытимæ дугъ кæнынæн дæр спортивон кусæнгæрзтæ.
Уымæй уæлдай ма дзы фæзынд гом арвы бын тренажертæ. Алкæй бон дæр у зæрдæмæдзæугæ тренажертæ равзарын. Зæгъæм, къæхтæ, къухтæ æмæ буары нуæрттыл бакусынæн чи бæззы, ахæмтæ. Фæз сарæзтой «Спорт – норма жизни» национ проекты фæлгæты. Йæ саразыныл куыстой 3 мæйы дæргъы.
Уымæй уæлдай ма фæзы тæккæ цур сарæзтой дыккаг спортивон фæз. Уым дæр ис футболæй хъазынæн фадат æмæ тренажертæ.
Объект фæзынд федералон программæты руаджы. Мызуры ног спортивон фæз кæй ис ныр, уымæ бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты.















