Ирон æвзаг, культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнын – сæйраг фарстатæ сты. Уыдоны фæдыл æппæтдунеон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтой. Ацы хат дæр сарæзтой сæрмагонд æмбырд.
Архайдтой дзы Стыр Ныхасы уæнгтæ, комитетты разамонджытæ, наукæ æмæ историйы ахуыгæндтæ. Сæйраг темæ – ирон æвзаг бахъахъхъæнын. Стæй ахуырады алыхуызон райхалинаг фарстатæ дæр. Афтæмæй, Гæбæраты мыггаджы минæвæрттæ æмбырдмæ æрбацыдысты сæхи хъæппæрисимæ. Фæнды сæ цы бæрæгбон нысангонд у «Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон» уымæн йæ ном аивын. Бæлвырддæр дзургæйæ, «Ирон фыссынад» зæгъгæ ма йæм бафтауын. Æмбырды архайджытæн уыцы хъуыды сæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ ма йыл хъæуы бæстонæй æрдзурын. Уымæй уæлдай, ныхас кодтой æндæр хъуыддагыл.















