Дзæуджыхъæуы аивдæр бынæттæ равдисын куыстыты. Ахæм хæс æвæрд уыд «Alanica collection: Про город»-ы равдысты архайджыты раз.
Ныртæккæ цæуы нырыккон аивады центры. Экспозицийы ис 19 нывгæнæджы куысты. Се ’хсæн Иран, Египет, Азербайджан æмæ Америкæйы цæрджытæ. Куыстытæ конд сты алыхуызон жанрты. Равдысты фенæн ис 64 куысты, ахæсдзæн 15 июлмæ.