Нывгæнæг Надежда Геры куыстыты равдыст «Гармония души и кисти», зæгъгæ, байгом Дигорайы. Сарæзтой йæ Цæголты Георгийы номыл музейы.
Æрдзы нывтæ, портреттæ, натюрморттæ, Дзæуджыхъæуы нывтæ. Авторы куыстытæ сты бирæвæрсыг æмæ алыхуызон. Йæ куыстыты бæрæг-бæлвырд зыны райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Аивад йæ сабибонтæй дæр бирæ уарзта. Фæлæ, ныв кæнын райдыдта, 2014 азы пенсимæ куы рацыд, уæд. Уæдæй абонмæ ныффыста 200 нывæй фылдæр. Æппынæдзух архайы горæты æмæ республикæйы адæмон сфæлдыстады равдыстыты. Ацы хатт аивадуарзджыты размæ рахаста 32 куысты. Равдыст фенæн уыдзæн мæйы дæргъы.
Мадзалмæ æрбамбырд сты районы нывгæнджытæ, культурæйы къабазы кусджытæ, скъоладзаутæ. Равдысты фæлгæты ма уазджытæн сарæзтой семинар-практикум. Сбастой йæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75-азы юбилеимæ. Зындгонд нывгæнæг, скульптор Дзбойты Михаил радзырдта, йæ куыстыты хæсты темæ цы бынат ахсы, уый тыххæй. Уыимæ ма, равдысты автор аивадуарзджытæн сарæзта дæсныйадæвдисæн ахуыртæ.
Равдыст арæзт æрцыд адæмон сфæлдыстады республикон хæдзар æмæ Дигорайы районы культурæйы разамынды æххуысæй. Алы уазæг дæр равдысты ссардта зæрдæмæдзæугæ нывтæ.
Надежда Гер, нывгæнæг: «Ацы равдыст мын у æртыккаг. Фыццаг равдыст сарæзтон мæ ныййарджытæ æмæ хæстæджытæн. Ныв кæнын мæ кæддæриддæр фæндыди. Мæхи куы бафæлвæрдтон, уæд æй бамбæрстон, аивад мæ йæхимæ кæй æлвасы, уый. Абон цы нывтæ равæрдтон, уыдон мæ зæрдæмæ иннæтæй фылдæр кæй цæуынц, уый тыххæй нæ равзæрстон. Фæлæ, алыхуызон кæй сты, уый тыххæй. Ныффыстон сæ фæстаг 3 азы дæргъы. Нывтæн сæ фылдæр фыст сты зети ахорæнтæй».