Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой закъонхалджыты къорд. Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæг наркотикты зилдухмæ цæстдарды управленийы кусджытæ æрцахстой 51-аздзыд сылгоймаджы.
Уый бавдæлд, æмæ сыхаг регионытæй иуы тыхджын хостæ æлхæнын райдыдта. Йе `нæниздзинад фидардæр кæнынæн, мыййаг, нæ. Æхца бакусынæн. Уæй сæ кодта бынæттон цæрджытæн. Æххуыс ын кодта Горæтгæрон районы цæрæг 40-аздзыд нæлгоймаг. Уый раздæр дæр уыд тæрхонгонд наркотиктимæ баст цауы тыххæй. Арæхстджын архайд дæр уæйгæнджытæн нал баххуыс.
Æрцахстой сæ, 10 капсулæйы уæйгæнгæйæ. Басгæрсты рæстæг ма сæм ноджы ссардтой метилэфедроны 150 капсулæйы. Ныр сын тæрхон кæндзысты Уголовон Кодексы 234-æм уацмæ гæсгæ, «Маргджын æмæ тыхджын хосты æнæзакъон зилдух»-ы тыххæй. Слестгæнæн мадзæлттæ дарддæр цæуынц. Аххосджынтæн тæссаг у ахæстоны 8 азы онг фæбадыны тæрхонæй.