Сæрды улæфты рæстæг пайдаимæ æрвитын. Куыстдæттыны центры скъоладзаутæн фадат ис паддзахадон лæггадæй спайда кæнынæн. Ахуырдзаутæ барвæндонæй рагацау сæхи бафыссынц куысты къордтæм. Уым 10 боны дæргъы сахат æмæ æрдæджы бæрц феххуыс кæнынц скъола аив кæнынмæ. Уый тыххæй сын куыстдæтты центр фиды мызд.
Лæппутæ зилынц кæртмæ, чызджытæ — скъолайы агъуыстытæм. Уæдæ чъырæй рацæгъдын æмæ краскæйæ сахорынмæ дæр хорз арæхсынц. Сывæллæттæ скъола нымайынц сæ хæдзарыл, уымæ гæсгæ сын ацы куыстытæ хæссынц æрмæст æхцондзинад.
Сæрдыгон улæфæн бонты скъолайы цы сывæллæттæ кусы, уыдонæн куыстдæттыны центр фиды сæрмагонд мызд. Кæд йæ бæрц бынтон бирæ нæу, уæддæр специалистты ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæм фæзыны амал кæныны хъомыс.
Сывæллæттæ къордтæм сæхи бафыссынц барвæндонæй. Бирæтæ хæдзарон куыстыл ахуыр не сты. Ис дзы ахæмтæ, æмæ кисточкæ фыццаг хатт йæ къузмæ чи райста. Фæлæ кæрæдзимæ кæсгæйæ арæхстджындæр кæнынц.
Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ ахæм куысты къордтæ республикæйы ис 2009 азæй нырмæ. Иу мæймæ скъоладзаутæ дæс боны дæргъы сахат æмæ ’рдæджы бæрц сæ рæстæг пайдаимæ фервитынц. Æхсызгон ма у, сывæллæттæн тæвд хæринаг кæй цæттæ кæнынц, уый.