Дзæуджыхъæуы Елиайы номыл аргъуанæй сызгъæрин æмæ æхца чи ассывта, уыцы фыдгæнæджы пъæлицæйæгтæ æрцахстой. Цы знаггад ракодта, уымæн йæ иумæйаг аргъ хæццæ кодта 100 мин соммæ.
Фыдракæнд аразæджы барадхъахъæнджытæ цыбыр рæстæгмæ раиртæстой. Сгарджытæ сæ куыст рæстæгыл кæй бакодтой, уый фæрцы афоныл сбæрæг давæгойы тыххæй æмбæлгæ информаци. Разынд Ногиры 20-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй аргъуанмæ бабырыд æхсæвыгон, рудзынджы къæпсыр ассонгæйæ. Давд исбон закъонхалæгæй байстой.
Йæ ныхмæ йын слестгæнджытæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 158-æм уацмæ гæсгæ. Нæлгоймаг раздæр дæр цалдæр хатты уголовон æгъдауæй дзуапп лæвæрдта йæ митæн. Ныр дæр та йæ 5 азы онг йæ бон ахæстонмæ бахауын кæй у, уый нæ баурæдта.