Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ бамбæлдысты, кæйдæр хæдтулгæтæ-иу чи `рбауæй кодта, ахæм фыдгæнджыты фæдыл. Цыбырныхасæй, къæрныхты къорд хаццоны иста адæмы æфсæн бæхтæ. Куысты фæдыл, дам, нæ хъæуынц.
Иуцасдæр сын сæ хицæуттæн хаццоны аргъ фыстой, фæлæ-иу уыцы рæстæг хæдтулгæтæ уæйгæнæн сайтты равæрдтой. Уыйфæстæ-иу сæ фæд æрбайсæфт. Афтæмæй æрбафæлывтой 20 адæймагæй фылдæры, 32 хæдтулгæйы та скодтой кæйдæр фыццаг. Æдæппæтæй адæмæн знаггад æрхастой 7 милуан сомы аргъ.
Пъæлицæйæгтæ æрхъуыды кодтой фыдгæнджытæн сæхи асайын. Радтой сын хæдтулгæ хаццоны æмæ `нхъæлмæ кæсын райдыдтой, сæ фæнд сæ кæд фæсайдзæн, уымæ. Бирæ сæ нæ бахъуыд бадын æмæ афтæмæй давджыты `рцахстой. Аххосджынтæ басастысты сæ азымыл, фæлæ сæ уый уголовон хъуыддагæй нæ аирвæзын кодта. Ныр сын тæссаг у ахæстонмæ 10 азы онг æмгъуыдмæ бахауынæй.