Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады медицинон-санитарон хайады кусджытæ æмæ Æхсæнадон Советы уæнгтæ бабæрæг кодтой республикон сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты. Æрбаластой сын лæвæрттæ. Уазджытæ семæ `рбахастой велосипедтæ, дыргътæ, адджинæгтæ æмæ сывæллæттæн сæрдыгон уæлæдарæс.
Акци сбастой Сывæллæтты æппæтдунеон боны бæрæгбонимæ. Рæвдыдхъуаг сабитæн æххуыс кæнын медицинæйы къабазы кусæг пъæлицæйæгтæн зонгæ хъуыддаг у. Ахæм акцитæ иу æмæ дыууæ хатты нæ сарæзтой. Сывæллæтты цинæн кæрон нал уыд, фысымтæ сæ уазджытæн равдыстой чысыл аивадон программæ дæр. Бакастысты сын æмдзæвгæтæ, зарын æмæ кафынæй та уæвгæ дæр нал æфсæстысты.















