preloader
сейчас в эфире
14:20
АЛАНТÆ. ФЫДЫБÆСТÆМÆ ФÆНДАГ 12+
Смотрите Далее
15:10
ИСПЕКЛИ НАМ ПИРОГИ… 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 16+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
НЕЗАМЕНИМЫЕ 12+
ТВ ПРОГРАММА
АЛАНТÆ. ФЫДЫБÆСТÆМÆ ФÆНДАГ 12+
close

Паралимпаг хъæзтыты бронзæ призер Кобесты Чермен Цæгат Ирыстонмæ сыхдæхт

15.09.2021 20:24

Ирыстоны йæм æнхъæлмæ кастысты хиуæттæ, æмбæлттæ æмæ йын йæ уæлахизмæ чи бæллыд, уыдон.

Абон Дзæуджыхъæуы аэропоты кадджын уавæрты сæмбæлдысты Токиойы Паралимпаг хъæзтыты призер Кобесты Черменыл. Уый рог атлетикæйæ паралимпаг хъæзтыты сси бронзæ майданы аккаг. Ирыстоны йæм æнхъæлмæ кастысты хиуæттæ, æмбæлттæ æмæ йын йæ уæлахизмæ чи бæллыд, уыдон.


Беслæны аэропорты рахизæны æрымбырд бирæ адæм. Æнхъæлмæ кæсынц Кобесты Черменмæ. Уый Токиойы Паралимпиадæйы рамбылдта бронзæ майдан. Ӕрӕмбырд сты йæ бинонтæ, йæ хæлæрттæ æмæ, йе ‘нтыстдзинадыл чи цин кæны, уыдон иууылдæр. Мæхъиты Сослан Черменимæ сабийæ нырмæ хæларæй цæры. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ уарзон хæларæн æгас цæуай зæгъыны тыххæй абон батагъд кодта аэропортмæ. Сосланæн Чермены уæлахиз стыр æхсызгондзинад хæссы, цин ыл кæны.

Æмæ мæнæ Чермен дæр æрхæццæ. Адæмы цинæн нал ис кæрон. Тыхджын къухæмдзæгъд æмæ арфæйы ныхæстæ зæлынц алырдыгæй. Чермен йæ хæлæрттæн æвдисы йæ майдан. Дарддæр, ирон æгъдау куыд амоны, афтæ æртæ чъириимæ спортсмены бафæдзæхстой Стыр Хуыцауыл.

Чермен рог атлетикæйæн снывонд кодта йæ цард. Йӕ ныхӕстӕм гӕсга, афтæ рауад æмæ 4 мæйы тренировкæтæ нæ кодта, фæлæ Чермен æгæрон тых æмæ хъаруйы хицау кæй разынд, йæхиуыл кæй бакуыста, уымæ гæсгæ йын Олимпиадæмæ ацæуын бантыст. Уæдæ бронзæ майдан та – йæ удуæлдай куысты фæстиуæг.

Олимпиадæйы фæстæ Кобесты Чермены фæхуыдтой Мæскуыйы Кремлмæ. Уым йæ риуыл тæмæнтæ скалдта ll къӕпхӕны орден «За заслуги перед Отечеством», кадджын уавæрты йын æй балæвар кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Спортсмен йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын тынг æхсызгон уыд. Æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, æппæт лæвæрттæй йын ахсджагдæр кӕй уыд йæ фыды уæзæгыл сæмбæлд.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
«Ученик года», перевод сурдо языка, «Час земли» и лечение за рубежом
28.03.2024
О погибшем в зоне СВО бойце Аслане Дзантиеве, о Герое Советского Союза Алексее Остаеве, об учениях сотрудников Росгвардии и эксплуатации боевого оружия
28.03.2024
О капитальном ремонте, о нововведениях в сфере ЖКХ и о системе благоустройства общественных территорий
28.03.2024
Интервью с чемпионом по боксу Аланом Хугаевым
27.03.2024
Выбери жизнь
27.03.2024
Руслан Джусоев
27.03.2024
Ставд-Дурта
26.03.2024
Сабырдзинад, туризмы райрæзт æмæ «хурдзаст» сывæллæттимæ куыст
26.03.2024
Цхуырбаты Зарӕ
26.03.2024
Æмбалты Зауырбег
25.03.2024
Къуымæллæггаты Розæ
25.03.2024
Теракт в «Крокус Сити Холле»
25.03.2024
Давид Найфонов
25.03.2024
Канатовы
24.03.2024
В итоге: 24 марта
24.03.2024
Все рекомендуемое