preloader
сейчас в эфире
14:56
Вокзал для двоих. Цимити 12+
Смотрите Далее
15:25
Музыкæ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
Контекст. Теория поколений 12+
17:25
Дело мастера 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
Вокзал для двоих. Цимити 12+
close

Плиты Неля æрвылаз Джеоргуыбайы бæрæгбонмæ сфыци ирон бæгæны

17.11.2025 19:17

Уыцы изæр Неля бæгæныйыл бафтыдта æнтуан æмæ дыууæ боны фæстæ æнхъизын райыдта. Сылгоймаджы конд бæгæны канд хъæубæсты нæу зындгонд.

Æрмæст Хуыцаумæ скувыны фæстæ, Плиты Неля бавнæлдта сыгъдон цæттæ кæнынмæ. Уый тыххæй та хъæуы ссад басудзын, æрмæст, цæмæй аджы быныл ма фæхæца. Мигæнæнтæ змæнтæн сылгоймагæн баззад йе ‘фсинæй, бæгæны фыцын дæр æй уый сахуыр кодта. Бацамыдта йын, кувинаг цæттæгæнгæйæ, æппæт кусæнгæрзтæ дæр хъуамæ æвæрд уой аджы рахиз фарс, архайын дæр хъæуы æрмæст рахиз къухæй, уымæн, зæгъгæ, ис сокралон нысаниуæг. Абон йæ хистæры фæдзæхстытæ æмæ амынддзинæдтæ Неля æнæзивæг æмæ æнæмæнг сыгъдæг зæрдæйæ æххæст кæны.
лайф

Ссад æвдулын куы райдайа, уæд æй уайтагъд бамбардзынæ, зæгъы Неля. Ацы къæпхæныл æй ис дзыккаимæ абарæн. Аджы ныккодта дон, систа ссады сыгъд, дарддæр æнæмæнг зад æмæ хæрз чысыл цъата.

Æмæ æцæгдæр, зады фæстæ бæгæныйæн фæзынд бынтон æндæр, зæрдæмæдзæугæ тæф. Фæлæ, уый ууыл дзурæг нæу, æмæ нуазинаг цæттæ у. Хоры фæстæ бæгæнымæ хъæуы лæмбынæг кæсын, змæнтын, цæмæй бæзджын кæнын ма райдайа.

Дыууæ ведрайы дзаг бæгæны рафæрсыгъта æмæ та йæ ногæй бауæларт кодта. Бафтыдта йæм дыууæ килæ сæкæр æмæ дыууæ къухы дзаг хуымæллæг, дзырдæн, уый дæр, æфсинмæ зайы йæхи цæхæрадоны. 20-30 минуты куы фæфыца, уæд æй райста уæлартæй.

Уыцы изæр Неля бæгæныйыл бафтыдта æнтуан æмæ дыууæ боны фæстæ æнхъизын райыдта. Сылгоймаджы конд бæгæны канд хъæубæсты нæу зындгонд. Цалдæр хатты архайдта бæгæныфыцджыты конкурс-фестивалы, бацахста дзы иу раззагдæр бынæттæ. Æрвылаз кувинаг сфыцы рагацау æмæ уыцы æгъдауыл ахуыр кæны йæ кæстæрты дæр.

Неля хъæуы кадджын сылгоймагыл нымад у. 35 азы кусы ветеринарон дохтырæй, схъомыл кодта
дыууæ лæппуйы æмæ чызг, йæ хъæбулы хъæбултæ та сты авдæй. Лæгты Дзуармæ кувæн къури куыд Ирыстоны дзыллæтæ, афтæ Плиты бинонтæ дæр кувынц æмæ курынц сабырдзинад, æнæниздзинад æмæ бæркад.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
18.06. 2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
18.06.2026
Истории из жизни I Залина Хейреддин
17.06.2026
Среда влияния I 17.06.2026
17.06.2026
Любовь Бедзоева I Дело мастера
17.06.2026
Боевые искусства I Доброе утро, Осетия!
17.06.2026
Лика Елизарова I Профессиональный путь
16.06.2026
Люпин, дикторты конкурс æмæ ансамбль «Арц-тох»-ы уæлахиз | Йæ рæстæгыл
16.06.2026
Сæрд Куырттаты комы I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
16.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 1: Осетия в контексте палеолита | «Ossetica»
15.06.2026
15.06.2026 I Самое время
15.06.2026
Женский футбол | Доброе утро, Осетия!
15.06.2026
Заболевания легких I Медикум
14.06.2026
В итоге: 14.06.2026
14.06.2026
Борӕнты бинонтӕ I Дзӕнгӕрӕг
14.06.2026
Къостанты I Бинонтӕ
13.06.2026
Все рекомендуемое