Программæ «Алания бизнес-акселератор»-ы архайджытæ бахъахъхъæдтой сæ проекттæ. Конкурсы архайдтой 30 амалхъом адæймаджы алыхуызон проекттимæ.
Жюрийы уæнгтæ сын аргъ кодтой цалдæр домæнмæ гæсгæ – проекты хъæугæдзинад, ногдзинад, стæй иннæ проекттимæ иу æмвæзадыл уæвынӕд. Эксперттæ уыдысты Амалхъомадæн æххуысы фонды минæвæрттæ, фæллойы æмæ социалон рæзты министрады специалисттæ, стæй амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæджы аппараты уæнгтæ. Хуыздæр проекттæ райсдзысты 250 мин сомы. Уый фæстæ та алы амалхъом адæймаг кусдзæн хи разамонæгимæ.
















