Ацы фатеры цыппæркъахыг хæлары хъæлæбайыл рагæй ахуыр сты. Æппынæдзух æм хъæуы зилын, хæринаг дæттын, фасын, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йемæ тезгъо кæнын. Фæлæ æхсæз азмæ йæ хицау Бураты Нинæ æппындæр не сфæлмæцыд. Эсмиральдæимæ нæ æрынкъард уыдзынæ, уæдæ алы ахсджиаг цауы тыххæй дæр хъуамæ зона. Зæгъæм, дуканийæ хойрæгты дзæкъул æнæ йæ басгæрстæй нæ бахæсдзынæ. Эсмиральдæ уарзы бабызы фыдæй физонæг æмæ адджинæгтæ. Фæлæ йæ конкурсмæ бахъуыд диетæйыл сбадын. Нинæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ куыдз æгæр хæрхуыз у.
Бураты Нинæйы царды Эсмиральдæ фæзынд æнæнхъæлæджы. Куыд нын радзырдта, афтæмæй куыдз фервæзт хæдтулгæйы цæлхыты бынæй. Уæд æй чызг федта фыццаг хатт æмæ бамбæрста йæ бон æй ныууадзын кæй нал суыдзæн. Æрвылбон цыппæркъахыг йæ хицауæн лæвар кæны æхсызгон æнкъарæнтæ. Эсмиральдæйы зонынц æппæт сыхæгтæ æмæ кæрты куыйтæ, дзырдæн, уыдонимæ йын ис уæлдай ахастдзинæдтæ. Конкурс “Собачье сердце”-мæ цæттæ кæны бæрнонæй. Нинæ йæ зæрдæ дары. йæ куыдз æнцонтæй кæй ацæудзæн хъазæнтимæ фæз.
Конкурсы тыххæй Бураты Нинæ базыдта йе ‘мкусджытæ-бархионтæй, сфæнд дзы кодта кодта бацархайын. Кæд æмæ Эсмиральдæ хивæнд у, уæддæр æххæст кæны йæ хицауы командæтæ. Цæттæ у фæлтæрдджын архайджытимæ ерыс кæнынмæ. Фæлæ йæ хицауы ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр уæлахиз нæу. Фæнды йæ, цæмæй проекты тыххæй фылдæр адæм базоной. Конкурс “Собачье сердце” фыццаджы дæр у хæрзаудæн акци, сæйрагдæр у цæмæй фылдæр куыйтæ сæхицæн ссарой хицæуттæ.
















