Медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджеты ивгъуыд азы æфтиæгтæ сты 10 миллиард æмæ 130 милуан сомы. Уый 2021-æм азимæ абаргæйæ у 3,7% къаддæр.
Афтæ рауад уый тыххæй, æмæ коронавирусæй рынчынты дзæбæх кæнынæн къаддæр фæрæзтæ бахъуыд. Хицауады æмбырды ма ныхас кодтой «Культурæйы рæзт»-ы республикон программæйы тыххæй дæр. Ацы къабазы мадзæлттæ саразынæн фидæны азмæ федералон бюджетæй радих кодтой субсидитæ. Уыцы фæрæзтæ хардзгонд æрцæудзысты сывæллæтты аивæдты скъолаты рацарæзт æмæ бындурон цалцæг, культурон-хиирхæфсæн уагдæтты райрæзт, 50 цæрæгæй къаддæр цы хъæуты ис, уыдоны культурæйы хæдзæрттæ кусæнгарзæй сифтонг кæныныл.
21 милуан сомæй фылдæр та рахай кæндзысты федералон бюджетæй туризмы рæзтæн. Бæлвырддæр куы дзурæм, уæд туристон инфраструктурæ æмæ националон туристон балцвæдтæ саразынæн.