Цæгат Ирыстоны пысылмæттæ монон управленийыл сæххæст 30 азы. Юбилейы фæдыл Уырыссаг театры ацыд бæрæгбоны æмбырд. Архайдтой дзы хицауады уæнгтæ, æхсæнадон куыстуæтты минæвæрттæ, хистæртæ, “Беслæны мадæлты” комитет, Цæгат Кавказы, уыимæ Луганск æмæ Донецкы адæмон республикæтæ æмæ Поволжьейы муфтийтæ.
Пысылмон æхсæнадæн раарфæ кодта Парлмаенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Бузныг сын загъта республикæйы социалон-экономикон къабазы райрæзтмæ стыр бавæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй. Фæсивæд æмхиц кæнынц ирон æгъдæуттæ æмæ патриотон хъомыладмæ.
Уазджытæн равдыстой киноныв пысылмæтты æхсæнады архайды тыххæй. Æмбырды рæстæг ма управленийы минæвæрттæ хорзæхгонд æрцыдысты Кады гæххæтытæ æмæ республикæйы сæргълæууæджы номæй ордентæй. Юбилейæн нысангонд форум ахæсдзæн 3 боны. Фæнд кæнынц пленарон æмбырдтæ аразын, бабæрæг кæнын мемориалтæ.