Ацы аз Дзæуджыхъæуы сæлдæджы куыстуат «Снежная Королева»-йыл æххæст кæны 15 азы. Сæ юбилей сбæрæг кæнынмæ сæ нæма æвдæлы. Сæрдыгон фабрикæйы куыст йæ тæмæны бацæуы. Уадзы сæлдæджы 100 хуызы. Бонмæ цалдæр мины. «Снежная Королева» куы равзæрдис, уæдæй абонмæ дзы фæллой кæны 21 адæймаджы. Кусджытæ сæ сæхи `хсæн ветерантæ хонынц. Разамынд дæр сын стыр аргъ кæны.
Куыстуат «Снежная Королева»-йы маркетинджы директор Цæгæраты Марат: «Цы адæм нæм кусы, уыдон сты фæлтæрдджын æмæ фæллойуарзаг. Цы хойраг аразынц, уый хæрзхъæддзинадмæ зæрдæ не `хсайы. Нæ конд сæлдæджытæ æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ ма æгас Уæрæсейы дæр зонынц».
















