Сбæрæг сты Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ кандидатты дыууæ номы. «Россети Цæгат Кавказ»-ы филиалы директоры хæдивæг Милдзыхты Вячеслав æмæ Æнæххæст барджын æхсæнад «Колос»-ы генералон директор Ходы Мæдинæ.
Ацы кандидаттæ райстой æппæты фылдæр балтæ. Конкурсы къамис, йæ хыгъды 10 адæймаджы, афтæмæй æркаст 14 кадидатмæ – сты алы къабæзты минæвæрттæ. Ныр та уæлахиздзаутæм æркæсдзысты Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сессийы. Æмæ та уæд ногæй хъæлæсты руаджы равзардзысты горææты администрацийы сæргълæууæджы.