Сергей Меняйло архайдта Уæрæсейы туризмы рæзты къамисы æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко видеобастдзинады фæрцы. Ныхас цыд нацпроект «Туризм и индустрия гостеприимства»-йыл. Æххæст æй кæндзысты 2030-ӕм азы кæронмæ. Йæ хæс у регионтæн баххуыс кæнын, стæй амалхъом адæммæ æргом аздахын.
Туризмы федералон агентады разамонæг Дыгъуызты Зæринæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы аз нацпроектæн федералон бюджетæй рахай кæндзысты 39 милиард сомы. Фембæлды архайджытæ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй хъуамæ регионты разамонджытæ национ проекттæм фылдæр æргом аздахой. Архайой дзы, æмæ сæ руаджы бынæттон туризмы рæзтыл кусой.