Сергей Меняйло дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй абон уыдис коронавирусы ныхмæ тохгæнæг штабы æмбырд. Республикæйы разамонæг фæнысан кодта, Уæрæсейы ногæй, сæйгæ чи кæны, уыдоны нымæц фылдæргæнгæ кæй цæуы. Бирæты дзы бахъæуы рынчындонмæ ласын. Раздæрау стыр æргом здахгæ у вакцинаци æмæ санитарон домæнтæ æххæст кæнынмæ дæр. Уый ахъаз уаид низы ныхмæ карз домæнтæ ногæй ма снысан кæнынæн.
Сергей Меняйло ма бадомдта дзуапдæттæг кусæндæттæй адæмы рынчындæттæм ласыны фæтк банывыл кæнын. Афтæ ма хъуамæ нысангонд æрцæуа, уæлæмхасæн бынæттæ кæм хъæудзæн равæрын, уыцы дзæбæхгæнæндæтты номхыгъд. Уæдæ амбулаториты куыст дæр хъуамæ бæрæг дара.
Æмбырды кæронбæттæны рахастой уынаффæ санитарон домæнтæ æххæст кæнынмæ ноджы бæрнондæрæй кæсын, стæй республикæмæ цы бæлццæттæ цæуы, уыдонмæ цæст дарын. Искæмæ дзы низ куы рабæрæг уа, уæд Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад хъуамæ ссара мадзæлттæ рынчынты æхсæнадæй фæиппæрд кæнынæн.