Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд Æхсæнадон палатæйы уæнгтимæ æмæ æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттимæ. Дзырдтой дыууæ органы куысты ахадындзинадыл æмæ цæрджытæм цавæр аиуварсгæнинаг фарстатæ фæзыны, ууыл. Уыцы хъуыддаджы хъæуы æмгуыст кæнын.
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты бындурыл хъуамæ куса экспертон æхсæнад. Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ сæрмагонд къорд канд хъæндзинæдтæ нæ бæрæг кæндзæн, фæлæ ма кусдзæн сæ аиуварс кæныныл. Сергей Меняйло ма фæнд бахаста Æхсæнадон палатæйæн закъонæвæрынады куыст кæныны бар раттыны тыххæй.















