Сергей Меняйло фембæлд нымæцон лæггæдты сервис «Ростелеком»-ы минæвæрттимæ. Ныхас кодтой, провайдер республикæйы цы нымæцон проекттæ æххæст кæны, уыдоныл. Сæрмагондæй сæргълæууæджы ситуацион центры куыстыл, интеллектуалон транспортон системæйы куыстыл æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы ног нымæцон технологитæй пайда кæныныл. Ахсджиаг у 112 системæйы модернизаци æмæ æнæнхъæлæджы цауты рæстæг цæрджыты æвæстиаты хъусынгæнæн системæ сног кæнын.
Дзæуджыхъæуы администрацийы бакусын хъæуы æппæт службæтæ æмæ ведомствæты æмгуыстадæн æххуысы бирæвæрсыг телефоны номыр саразыныл. Уый сахаддзæн уагдæтты æвæстиат куыстыл æмæ йæм æрбадзурæн уыдзæн цыфæнды афон дæр. Администрацийы телефоны уæлхъус та фæзындзысты радхæсджытæ. Æппæт хæсты фæдыл дæр хаст æрцыд амынддзинæдтæ.