Сергей Меняйло фембæлд регионалон кадрон программæ “Ирыстоны æхсар”-ы архайджытимæ. Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты профессионалон рæзт у паддзахадон нысан æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады оргæнты куысты ахсджиагдæр здæхтытæй иу. Мадзæлтты фыццаг къæпхæн фæстейæ аззад, йæ фæлгæты архайджытæ райстой паддзахадон политикæ æмæ паддзахадон разамынды системæйы тыххæй зонындзинæдтæ. Ныр программæйы — модульты ‘хсæн æмгъуыд, зондамонджытимæ куыст, министрадтæ æмæ ведомствæты стажировкæ. Дыккаг модульмæ рахиздзысты 24-æм ноябры, уыдзæн экономикæ æмæ финансты фарстаты тыххæй. Сергей Меняйло бафарста ахуырты рæстæг сæвзæргæ зындзинæдтæй. Комкоммæ ныхасы рæстæг программæйы архайджытæ сæргълæууæгæн сæ хъуыдытæ загътой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, “Ирыстоны æхсар”-ы фæлгæты ахуыртæ цæуынц 32 адæймаджы.
















