Сергей Меняйлойы разамындæй уыд терроризмы ныхмæ къамис æмæ Оперативон штабы иумæйаг æмбырд. Антитеррористон аппараты разамонæг Олег Барановы ныхæстæм гæсгæ, дины нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 28 объектæй 24 æдасдзинады паспорттæ сфидар кодтой. Хауынц Дзæуджыхъæуы епархимæ. Иннæ 4-ы ныртæккæ цæуы рацарæзт.
Регионы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй объектты хицæуттæ æдасдзинады домæнтæм хъуамæ бæрнон цæстæй кæсой. Ахсджиаг фарстаты ‘хсæн — ахуырадон объекттæ бахъахъхъæнын. Уæрæсейы гвардийы регионалон хайады разамонæг Валерий Голотайы ныхæстæм гæсгæ, раздæр аиппытæ рабæрæг Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районы ахуырадон уагдæтты. Ныртæккæ иуварсгонд æрцыдысты.
Хъæлæс кæныны бонты, Аланийы аргъуыды 1100 азы бæрæгбоны æмæ Беслæны скъолайы терракты мысæн бонты дæр цæрджыты æдасдзинадмæ бæстон цæстдард уыдзæн. Æппæт объектты разамынд æмæ кусджытæ райсдзысты методикон æмæ практикон амынддзинæдтæ.















