Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло архайдта сæрмагонд æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу.
Дзырдтой регионты æрвылазон æфсæддон-патриотон хъомылады центр саразыныл. Сывæллæтты дзы ахуыр кæндзысты æфсæддон ахуырады къабазы ног технологитыл. Центр хуындзæн «Авангард». Программæ æххæст кæндзысты Уæрæсейы президенты уынаффæмæ гæсгæ.