Нозтджын шофырты, гæнæн ис, æмæ æфхæрдзысты карздæр. Дыккаг хатт кæй æрцахсой, уыдоны ивар фидын бахъæудзæн 500 мин сомы. Тæссаг ма сын уыдзæн ахæстоны дæр 2 нæ, фæлæ 3 азы фæбадынæй. Уый тыххæй хъусын кæны газет «Известия».
Уæрæсейы хицауады закъоны проектмæ æркæсдзæн Паддзахадон Думæ. Сæ кæронбæттæн уынаффæ депутаттæ рахæсдзысты уалдзыгон сессийы кæронмæ. Рагагъоммæ уал фракцитæ иууылдæр хъæппæрисимæ сразы сты. Сæ хъуыдытæ загътой эксперттæ дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ног уагæвæрд цæрджыты зæрдæмæ фæцæудзæн, уæдæ фæндаггон змæлды фæтк дæр фæхуыздæр уыдзæн. Ахæм ивддзинæдтæ æдасдзинадыл хъуамæ сахадой.