Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени, паддзахадон инспекци æмæ Уæрæсейы транспортмæ цæстдарды кусджытæ дарддæр бæрæг кæнынц æхсæнадон транспорты санитарон уавæр. Абон федтой маскæтæ æмæ антисептикты домæнтæ шофыртæ куыд æххæст кæнынц уый.
Хи бахъхъæнынæн фæрæзтæй ифтонг хъуамæ уой бæлццæттæ иууылдæр. Пандемийы аххосæй шофыртæн амынд ис 7 адæймагæй фылдæр ма ласын. Специалисттæ æркæсынц хæдтулгæйы уавæрмæ дæр. Ахæм куыст арæзт цæуы æрвылбон.